Урок - повторение в форме игры
план-конспект урока (3 класс)

Макиева Анна Георгиевеа

Для восприятия содержания важно возбудить эмоциональную сторону интереса. С этой целью можно использовать на уроках стихи, красочные иллюстрации, живые красивые цветы, эпиграфы к учебной теме, к уроку, которые создают определенный эмоциональный настрой учащихся.

Создание проблемных ситуаций, постановка учебных проблем, проблемных вопросов, задач, средство активного усвоения ведущих лексичских понятий, их развития и применения учащимися.

Создание проблемной ситуации с целью возбуждения интереса к игре.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл Урок-игра18.79 КБ
Файл Урок Уарада. Легенда21.35 КБ
Файл Урок. Весна в Осетии28.91 КБ

Предварительный просмотр:

Гом урок 1-аг къласы

Темæ:

Интеллектуалон урок - хъазт .

сарæзта:

ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Мæхъиты Аннæ

Интеллектуалон урок - хъазт

1 кълас

Нысантæ

- Ахуырдзау фæсивæдмæ Райгуырæн бæстæ æмæ мадæлон æвзагмæ,ирон адæмон сфæлдыстадæмæ, культурæмæ уарзондзинад гуырын кæнын;

- Ирон зонадмæ цымыдисдзинад кæнын.

Бацæттæгæнæн рæстæг

Хъазты архайæг командатæй хъуамæ алкæмæн дæр уа йæхи ном æмæ эмблемæ.

Хъазты темæ: « Мадæлон æвзаг æмæ литературæ»

(Хъуысы зарæг )

1-аг амонæг: Зондабитæ,зондабитæ!

Нæ бæрæгбон æрцыд!

Нæртон æвзвджы байбынтæ-

Цыкурайы фæрдыг.

2-аг амонæг: Сæ бæрæгбон Зондабитæн

Дæумæ дæр сиды ног.

Нæртон æвзаджы байбынтæ

Ныр арвы дуарау гом.

1-аг амонæг: Зынаргъ æмбæлттæ! Алы бон æгас нæм цæут!

2-аг амонæг: Хистæрæй,кæстæрæй! Дунейы фарн уыл узæлæд æмæ уе ппæты дæр нæ бæрæгбоны хорзæх уæд!

Ахуыргæнæг: Зондабитæ! Равдисут уæ зонындзинæдтæ æмæ уæ арæхстдзинад нæ мадæлон æвзаг æмæ литературæйæ! Абоны хъазты чи амбула,уый уæлдай кад æмæ буцы аккаг у. Уымæн æмæ йæ уæлахизмадæлон æвзаг æмæ литературæ кæй зоны,ууыл дзурæг уыдзæн. Æвзаг æмæ литературæ та сты нæ лæугæ хох,нæ цæугæ мæсыг! Абон мах дзурæм нæ мадæлон взагыл йæ номыл аразæм хъазт.цымæ уæ чи хуыздæр зоны мадæлон æвзаг,чи у арæхсджындæр, æрхъуыдыджындæр?

Уый сбæрæг уыдзæн!

1-аг амонæг: Нæ хъазтæн аргъ кæнынц (ранымайын жюрийы уæнгтæ)

2-аг амонæг: Хъазты сæ зонындзинæдтæ равдисынмæ хъазæн фæзмæ æрбацыдысты командæтæ («Хуры тынтæ» æмæ «Иры стъалытæ»).

Райдыдтам нæ хъазт!

1-аг амонæг: Ирон æвзаджы суадон.

Фарст. Ирон æвзаджы цал дамгъæйы ис? (43)

Фарст. Цардысты æмæ уыдысты авд æфсымæры. Иуахæмы балцы ацыдысты. Æмæ дын сæм арвæй уалынмæ æрхаудта сыгъзæрин дæгъæл.

- Ай хуымæтæджы дæгъæл нæу,- загътой æфсымæртæ,- æвæццæгæн исты диссаджы галуаны дæгъæл у.

Араст сты æфсымæртæ галуан агурæг. Кæддæр-уæддæр баввахс сты Урс хохмæ. Тæккæ хохрæбын ссардтой лæгæт. Йæ дуар уыд сыгъзæринæй. Сыгъзæрин дæгъæлæй йæ байгом кодтой. Лæгæт мидæгæй хурау тæмæнтæ калдта алы хæзнаты рухсæй. Стæй ма дзы разынд бирæ ног дзырдтæ. Æфсымæртæ тынг бацин кодтой сæ иумæйаг хæзнатыл. Фæлæ уыдон авд сты, дæгъæл та - иу.

Уæд æфсымæртæй иу размæ ралæууыд æмæ дзуры:

  • Уæларв Куырдалæгон ме ‘рдхорд кæй у, уый уæ ферох?. Уый мын бацамыдта йæ сусæгдзинæдтæ. Ацы сыгъзæринæй дæгъæлтæ скæнын мæ бар уадзут, æмæ сарæзта æхсæз дæгъæлы. Ныр авд æфсымæрæй алкæмæ дæр ис сыгъзæрин дæгъæл галуанæй. Дæгъæлтæ бабастой сæ рæттыл æмæ балцы фæцæуынц семæ.

Фарст. Чи сты, цымæ, уыцы æфсымæртæ?

Дзуапп. Уыдон сты дамгъæтæ Гъ, Къ, Пъ, Тъ, Хъ, Цъ, Чъ.

Хъазт. Бафтауæм уæнг æмæ нæм рауайдзæн дзырд.

Æх+сæр,æг

Дыргъ+дон

Цæ+хæ+ра+дон

Ма+лу+сæг

Хæс. Ацы предметтæ цæмæн хъæуынц, уый ссар рахиз дзырдамады. Саразын дзырдбæстытæ.

Бандон мæрзынæн

Кукла кæсынæн

Ахорæнтæ бадынæн

Чиныг хъазынæн

Цъылын ныв кæнынæн

2-аг амонæг. Уарзын мæ Ирыстон.

- Цавæр хæйттыл дих кæны Ирыстон? (Цæгат æмæ Хуссар)

-Цавæр Ирыстоны цæрæм мах? (Цæгат)

-Цæгат Ирыстонæн йæ сæйраг горæт куыд хуыйны? (Дзæуджыхъæу)

-Хуссар Ирыстонæн та? (Цхинвал)

-Цавæр цæугæдон цæуы Дзæуджыхъæуы астæу? (Терк)

- Кæй ном хæссы Дзæуджыхъæуы стыр фæлладуадзæн парк? (Хетæгкаты Къостайы)

-Чи у Хетæгкаты Къоста? (поэт, фыссæг, нывгæнæг,)

АУЛÆФТ. ДЗУРЫНЦ ÆМДЗÆВГÆТÆ

1-аг амонæг. Балцы аргъæутты дунемæ.

1. Цавæр аргъауы кой цæуы мæнæуы гагайы тыххæй? (Уæздан цъиу)

-цал мæнæуы гагайы ссардта хъаз?(иу)

-Кæцы цъиу разынд уæздан?( гыццыл)

2. Аргъауы «Арс,рувас æмæ бирæгъ»-ы цы ссардтой сырдтæ? (мыд)

-Ссырдтæй чи бахордта мыд? (арс)

2-аг амонæг Базон-базонтæ.

Армæй-арммæ-

Тъæпп,тъæбæртт.

Чысыл арвæй

Мит фæкъæртт. (сасир)

Зымæг фынæй кæны,

Сæрды мыды чыргъæдтæ змæнты.( Арс)

Нæ бæрзонд царыл

Æвзист тæбæгъ,

Æхсæв нæм дары

Цырагъ дзæбæх. ( мæй)

Даргъ -йæ хъустæ

Къуырд- йæ къæдзил

Даргъ-йæ рихи

Къуыпп- йæ рустæ.(тæрхъус)

Нæу цыма фыдгæнæг

Уыйау йæхи дары

Афтæмæй нæ уадзы

Иунæгкарк хæдзары.(рувас)

ПАУЗÆ 1-аг амонæг Алыхуызон фарстатæ.

Алы зайæгойæн дæр ссар йæ ном

Уагъылы

Дугъысыф

Къаппа-къуппа

Æрыскъæф

Зæгъ дзырдтæ нывты нæмтты фыццаг дамгъæтæм гæсгæ:

Заяц белка сито капуста

Т æ с къ

Утка медведь ласточка

Б а з

Уæ хорзæхæй, нæ кадджын жюри,чи хуыздæрæй равдыста йæхи ацы хъазты?

(Ныхасы бар жюрийы уæнгтæн)

МУЗЫКАЛОН ПАУЗÆ



Предварительный просмотр:

Гом урок 4-æм къласы

Темæ:

«Уæрæда» ( таурæгъ).

сарæзта:

ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Мæхъиты Аннæ

Урочы темæ: « Уæрæда» ( таурæгъ)

Урочы нысан:

1. Аив æмæ дæсны дзурын ирон æвзагыл.

#1040;хуыргæнинæгты зонындзинæдтæ фæхъæздыгдæр кæнын адæмон сфæлдыстадææй.

3. Аккаг аргъ кæнын нæ фыдæлты сфæлдыстад, традицитæ æмæ культурæйæн.

Урочы фæлгонц: презентаци, нывтæ, карточкæтæ, чингуытæ.

Эпиграф:

«Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй, йæ дзыхæйдзургæ сфæлдыстад ын куы нæ зонай уæд»

Максим Горький

Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

II. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

- Цы уын уыд хæдзармæ лæвæрд?

Дзуапп.

Æмбырд кæнын нывтæ. Сыæллæттæй иу дзуры « Задалески Нана»-йы тыххæй цыбыр раныхас.

Къордтыл куыст ( карточкæтæм куыст)

I-аг къорд: Базонын цавæр радзырдæй ист сты ацы хъуыдыйæдтæ?

- Мæхимæ уæдæй хъæздыгдæр никуы фæкастæн: «Нарты кадджытæй» сæрæвæрæн скодтон, фæстæдæр мæм цы чингуытæ фæзынд, уыдонæн.( Дзасохты М.-мæ гæсгæ «Амондджын бон»).

- Рудзынгæй акаст, кæрты ауыдта уасæг æмæ гогызтæ. А-гъа, уый уал хорз! Афыссон æй! ( «Хазби» Цæрукъаты В..Хъæлдзæг радзырд)

- Байриат, къобор уæйгуытæ! Уый цы ми кæнут, кæрæдзи цæмæн нæмут? Худинаг уын нæй? ( «Сырдон уæйгуыты куыд фæсайдта» )

- Уыцы уалдзæг дзы скъоладзаутæ нæзыйы мыггæгтæ ныссагътой, æмæ йæм кæсут ныр! Йæ ном дæр « Ногдзауты хъæд « у… (Тегайы бæлас. Таурæгъ)

II-аг къорд: Æмбисæндтæ хъæугæ дзырдтæй баххæст кæнут.

- Цы байтауай, уый …( æркæрддзынæ)

- Дæ фыдæн цы зæгъай, уый дæ фыртæй …( фехъусдзынæ)

- Ирон адæм гæрзты хорз æмæ знаджы бирæйæ нæ…(тарстысты)

- Йæ фыдæлты фарн чи нæ хъахъхъæны, уымæн…(сомбон нæй).

Улæфты минут (адæмон зарæг)

Цæй æрлæууæм, чепена!

- Ой, ой чепена!

- Галиу къахæй, чепена!

- Ой, ой чепена!

- Рахиз къахæй, чепена!

- Ой, ой чепена!

-Цæй æрбадæм, чепена!

- Ой, ой чепена!

-Ныр та сыстæм, чепена!

- Ой, ой чепена!

-Кæрæдзимæ бакæсæм!

- Ой, ой чепена!

-Ныр æркафæм, чепена!

- Ой, ой чепена!

-Тымбыл кафтæй чепена!

- Ой, ой чепена!

Аулæфыдыстæм, ныр та дарддæр бакусæм.

III. Мотиваци.

Ахуыргæнæг. Эпиграф бакæсын. Урочы кæрон ын йæ мидис раргом кæндзыстæм.

Скъоладзаутæ фарст цæуынц:

  1. Къуырийы бонтæй абон цавæр бон у?
  2. Кæцы нымæц у?

Мæйы райдианы уын æз дзырдтон ацы мæй кæфты мæй цæмæн хуыйны, уый. Цыбырæй йæ нæ зæрдыл чи æрлæууын кæндзæн?

Дзуапп.

Кæфты мæй. Ирон адæмы фыдæлтæ кæддæр Сау æмæ Азовы денджызты был цардысты æмæ сæм кæсаджы куыстад стыр бынат ахста. Денджызы был сæ горæт Патикапей дæр абоны ирон æвзагыл амоны Панти-фæндаг, капей-кæф. Ома, Кæфты фæндаг. Кæф у кæсæгты хуыздæр, æппæты арæхдæр вæййы октябры. Уæд йæ еугæф фæкалы æмæ-иу Хъаспы денджызæй Ирыстоны цæугæдæтты ратæдзæнтæм дæр бахæццæ. Цалынмæ-иу йæ еугæф акалдта, уæдмæ йæ ахсын нæ фæтчыд. Фæстæмæ здæхгæйæ йыл нæ ауæрстой. Ныр кæф Ирыстонмæ Мæздæджы районæй уæлдæр нал хæццæ кæны — йæ фæндаг ын цæугæдон Малкæ æмæ Теркыл цы ауæзт сарæзтой, уый æрæхгæдта.

Ахуыргæнæг.

Хъæздыг æмæ æвидигæ у ирон адæмы сфæлдыстад. Ис дзы бирæ уацмыстæ- алыхуызон хабæрттæ æмæ «историтæ» цыбыр радзырды хуызы. Адæм цы уыдтой, цы зыдтой, ахсджиаг æмæ сæм диссаг цы хъуыддæгтæ кастысты, уыдон дзырдтой кæрæдзийæн, лæвæрдтой сæ фæлтæрæй, фæлтæрмæ- афтæмæй ныффидар сты сæ зонд æмæ сæ хъуыдæджы. Уæдæ цы хонæм уыцы алыхуызон хабæрттæ иумæйаг номæй?

– таурæгътæ.

IV. Ног æрмæг.

Дзырдуатон куыст: Раздзог - вождь, руководитель, лидер;

предводитель идущий в первых рядах;

Мыдзыра – джебогъ (копье)

Зæппадз - склеп

Ахуыргæнæг. Абон нæ урочы кæсдзыстæм таурæгъ «Уæрæда».

Чиныгимæ куыст.

Байгом ма кæнут чиныджы 148 фарс. Кæсæм æй абзацгай æмæ йæ æвзарæм.

1-аг абзац кæсы скъоладзау.

Фарст

- Цавæр уыннаффæ рахаста Иры æфсады раздзог, цæмæй æнæхъуаджы туг ма ныккæла?

Дзуапп.

Фарст

- Ирон адæммæ кæддæриддæр хъабысхаст уыди спорты сæйрагдæр хуызтæй, иу.

Ранымайут ма, кæй зонут ирон богалтæй?

-Цы пайда у спорт адæймагæн?

Дзуапп.

Дарддæр кæсæм текст.

2-аг абзац кæсынц.

Фарст

-Куыд рацыд хинæй знæгты раздзог ироныл?

Дзуапп.

3-аг абзац кæсынц.

Фарст

-Цавæр хъуыды загъта зæронд лæг Иры æфсæдты раздзоджы ном сæнусон кæныны тыххæй?

Дзуапп.

- Иры æфсæдты раздзог цавæр уыди? Ссарут уыцы бæрæггæнæн дзырдтæ зарæджы.

Дзуапп.

- Дзырд фæлмæнзæрдæ-йæн ма ссарут йæ антоним ( тызмæг)

Ахуыргæнæг.

Сывæллæттæ, ирон адæм сæ царды зынгæ цаутæ æвдыстой зарджыты. Зарджыты æвдыст цæуынц, царды æцæг чи уыди, ахæм ахсджиаг цаутæ . Алыхуызон фыдгæнджыты ныхмæ чи тох кодта, уыцы хъайтартыл кодтой зарджытæ. Зарджытæ кодтой мидхæсты æмæ Фыдыбæстæйы хæсты хъайтартыл.

Хæс

Кады зарæг кæуыл скодтой ирон адæм, уыцы хъайтарты нæмттæй ма кæй зонут? Ныффыссут сæ уæ тетрæдты.( Задалески Нана, Плиты Иссæ…)

V. Рефлекси

Урочы эпиграфмæ раздæхæм æмæ ма йæ иу хатт бакæсæм. Куыд уæм кæсы, нæ урочы темæимæ баст у æви нæу? Æнæмæнг у.

Дзуапп.

-Цы базыдтат ногæй абоны урочы ?

(Ацы таурæгъ руаджы мах базыдтам, бирæ зарджыты дзырд Уæрæйдæ, кæцæй фæзынд, уый). Байхъусын зарæгмæ.

VI. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

VII. Хæдзармæ куыст раттын

Таурæгъ аив бакæсын æмæ йæ сахуыр кæнын хи ныхæстæй дзурын.



Предварительный просмотр:

Гом урок 3-аг къласы

Темæ:

Гæдиаты Секъа "Уалдзæг Ирыстоны".

сарæзта:

ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Мæхъиты Аннæ

3-аг къласы кæсыны урок

Темæ : Гæдиаты Секъа "Уалдзæг Ирыстоны"

Урочы нысантæ:

1. Сывæллæтты базонгæ кæнын Гæдиаты Секъайы биографиимæ, уацмысимæ "Уалдзæг Ирыстоны".

2. Бакусын ныхасы рæзтыл. Уацмысы сæйраг хъуыды райгом кæнын.

3. Хъомыладон куыст бакæнын: "Æрдз хъахъхъæнын, аудын… "

Урочы фœлгонц: Видеоœрмœг, компьютерон презентаци, базон – базонтæ

Эпиграф: « Рудзынгæй æрбакаст уалдзæг,

– Рауай мидæмæ, нæ уазæг!

Амонд, фарнимæ æрбакæс.

Бирæ цинтæ нын æрбахæсс.»

Баситы Мысосты

Урочы цыд.

  1. Организацион хай.
  2. Мотиваци.

Ахуыргœнœг: Уæ бон хорз, сывæлæттæ! Сывæллæттæ мæнæ нæм цас уазджытæ æрбацыдис. Æгас цæут сын зæгъæм! Абон, æвæццæгæн æй уæхæдæг бамбæрстат, уыдзæн уæм æнахуыр урок. Ома, уæ ахуыргæнæджы бæсты уыдзынæн æз. Æз зонын, сымах æгъдауджын ахуырдзаутæ стут, ахуыр кæнын уарзут… Æмæ мæн тынг фæнды, цæмæй нæ урок рауайа цымыдисаг. Æххуыс мын кæндзыстут?

Сывæллæттæ, кæд раст сæххæст кæнат хæслæвæрд, уæд базондзыстут абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм, уый.Табуафси райдайæм. Фарстатыл дзуаппытæ дæтгæйæ, мах базондзыстæм дзырдбыды цавæр дзырдтæ æмбæхст сты, уыдон.

Интерактивон фæйнæгыл фæзынд дзырдбыд:

х

У

р

А

р

в

б

у

Л

æ

м

æ

р

гъ

м

ы

д

ы

б

ы

н

Дз

5

Æ

л

а

с

æ

л

æ

б

у

1. Иу арт æнæхъæн Зæххы къори тавы. (Хур)

2. Армы дзыхъхъы цъæх денджыз. (Арв)

3. У чысыл цъæх цъиу, афтæмæй йæ цъæхснаг хъæлæс мингай хъæлæсты хсæнæй дæр райхъуысы. (Булæмæргъ)

4. Хæдзардзин æфсин æрдузыл аратæх – батæх кæны, æрзилы дидинджытыл æмæ нæ мыдæй сбуц кæны.(Мыдыбындз)

5. Уазалы – бæгънæг, хъармы – тыхт.(Бæлас)

6. Цъиу нæу, фæлæ йын ис базыртæ. (Гæлæбу)

- Цавæр дзырд дзы рауадис? ( Уалдзæг)

Ахуыргœнœг:

Ныр мæм лæмбынæг байхъусут… базонут ма уый кæд вæййы:

«Миттæ тайынц,

дæттæ уайынц

хуры тынтæ

тавынц зæхх». ( Уалдзæг)

Уæдæ æрæджы ахуыр кодтат Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Чи дæ?»

- Сывæллæттæ, исчи уæ радзурдзæн æмдзæвгæ?

- Зæгъут ма мын, чи у Хетæгкаты Къоста?

- Цавæр афæдзы афон равдыста поэт йе мдзæвгæйы? (Уалдзæг)

Ахуыргœнœг: Уæдæ йæ бамбæрстат, абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм, уый? Цавæр афæдзы афоныл? (уалдзæгыл). Мах кæсдзыстæм Гæдиаты Секъайы радзырд « Уалдзæг Ирыстоны». Æвзаргæ та йæ кæндзыстам уалдзæджы фæзындтытимæ-цинтимæ.

Эпиграфæн равзæрстон Баситы Мысосты æмдзæвгæйы рæнхъытæ. Бакæсæм-ма сæ. «Рудзынгæй æрбакаст уалдзæг,

– Рауай мидæмæ, нæ уазæг!

Амонд, фарнимæ æрбакæс.

Бирæ цинтæ нын æрбахæсс.»

Цыбыр беседæ. Уалдзæг цавæр циндзинад хæссы адæмæн? Байхъусын сывæллæтæм, уый фæстæ сæ хъуыдытæм æфтаугæйæ, скæнын хатдзæг.

(Ӕрцыд ныллæууыд уалдзæг. Цины уалдзæг : амонды уалздæг).

Зæгъут - ма цавæр ивддзинадтæ æрцæуы уалдзæджы?

(Райхъал вæййы æрдз . Бон фæдаргъ и , кæрдæг цъæх адардта. Мæргътæ дард бæстæтæй здæхын байдайынц).

- Цавæр тæхаг цъиутæ зонут?

( сырддонцъиу, халон, бæлон, зæрватыкк, дзывылдар, хъæдхой, сауцъиу,

Хърихъупп).

Ацы цъиутæй иуæй иутæ атæхынц хъарм бæстæм - дзывылдар, хърихъупп.

Ам та баззайынц : сырддонцъиу, халон, бæлон, хъæдхой.

Сывæллæттæ та сын цы саразынц?

(Скъоладзаутæ цъиуты æртæхыны агъоммæ саразынц хæдзæрттæ-ахстæттæ. Уыдон сыл мæт кæнынц,уарзынц сæ. Цæмæй куы ртæхой,уæд сын уа кæм цæрой, уый. Сывæллæттæ , мах хъуамæ æххуыс кæнæм мæргътæн, аразæм сын хæринаг æрæвæрæн , ахстæттæ , дæттын сын хъæуы кæрдзыны муртæ, мæнæу).

-Зæгъут ма адæймаг та йæхи куыд дары уалдзæджы арцыдимæ?

-Адæймаджы зæрдæ барухс вæййы , хъæлдзæг кæны...

-Адæм уалдзыгон куыстæ кæнын райдайынц.

-Мæнæ ацы æмбисонд куыд æмбарут

"Цы байтаудзынæ , уый æркæрддзынæ"

Адæм куы нæ бакусой , уæд фæззæджы ницы æркæрддзысты , зымæг æххормаг уыдзысты...

Улæфты минут.Физминуткæ – хъазт.

Стыр дамгъæ. Кæд цы дзырдтæ дзурон, уыдон фыссын хъæуа стыр дамгъæйæ, уæд къухтæ сисын хъæудзæн хæрдмæ, кæд гыццыл дамгъæййæ, уæд та-иу æрбадут дзуццæджы.(Гæды, Дзæуджыхъæу, скъола, Агуындæ, рудзынг, Терк, булæмæргъ).

Цал уæнгæй арæзт у дзырд. Дзырд цал уæнгæй арæзт у, уал хатт æрбадут дзуццæджы. (Уал-дзæг, хур, кæр –дæг, ди-ди-нæг, сыф-тæр).

III. Ног æрмæг

Ахуыргœнœг:

-Уæдæ абон мах сымахимæ базонгæ уыдзыстæм Гадиаты Секъайы цард æмæ сфæлдыстадимæ.

Секъа райгуырдис Хъуды комы Ганисы хъæуы мæгуыр хæххон бинонты ’хсæн 1855-æм азы. Секъайыл æстдæс азы куы сæххæст ис, уæд æй сæ хъæуы сауджын ахуыр кæнын райдыдта кæсын æмæ фыссыныл, стæй диакъоны куыстыл.

1912-æм азы Секъа йæ бинонтимæ æрцардис Дзæуджыхъæуы.

Секъа æдзух куыста йæхиуыл, кастис фысджыты уацмыстæ. Уый æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта XIX æнусы . Йæ уацмысты æвдыста ирон адæмы рагон царды цаутæ, æфхæрд адæмы хъысмæт. Арæхстджынæй пайда кодта адæмон сфæлдыстадæй, историон таурæгътæ æмæ æмбисæндтæй.

Радзырд "Уалдзæг Ирыстоны" Секъа равдыста уалдзæджы æрцыдимæ æрдз йæхи куыд аивта цавæр ивддзинæдтæ æрхаста . Ӕрмæст æрдз нæ, фæлæ ма цæрæгойтæ, маргътæ, сырдтæ сæхи куыд дарынц.

- Радзырд кæсгæйæ сæмбалдзыстæм ахæм æнæнбаргæ дзырдтимæ:

Дзырдуатон куыст:

Хуссар - юг

цæгат- север

фосы дзугтæ - стадо

гутон – плуг

Уадымс – хъарм дымгæ

Сгæллад – фæлмæн хъуымац ( сукно)

Дзыбыр (дзывыр) – зæхкусæн дзаума хæхбæсты ( соха)

Текстыл куыст. Сывæллæттæ кæсынц .

Фарст

- Цавæр ивддзинæдтæ æрцæуы æрдзы мидæг уалдзæджы?

- Ссарут тескты æмæ йæ бакасут;

- Цы ми кæнынц цæрæгойтæ, сырдтæ, мæргътæ ?

- Уæдæ адæм та цы ми фæкæнынц уалдзæджы ?

Тынг хорз

Ахуыргœнœг. Кæсы фæстаг абзац.

Раныхас. Алы ирон кæмтты, хъæуты уыдис царды ахсджиаг уынаффæтæ кæм хастой, ахæм æмбырд – Ныхас, дзырддзæугæ лæгтæ кæм æмбырд кодтой, ахæм бæрæг бынат. Ныхасы хистæртæ бадтысты стыр дуртыл, кæцытæ –иу бирæ æзты дæргъы пайда кæнынæй слæгъз сты, райстой къæлæтджын бандоны хуыз. Ныхасы адæм бадтысты кæмæн кæм æмбæлы, уыцы бынæтты. Ныхасмæ адæм цыдысты канд уыныффæтæ кæнынмæ нæ, фæлæ кæрæдзийæн хабæрттæ ракæнынмæ дæр. «Ныхысы» æвзæрстой царды ахсджиаг хъуыддæгтæ æмæ лыг кодтой алыхуызон быцæуты фарстатæ.

Къордтыл куыст

Чи тагъддæр æмæ фылдæр ссардзæн тексты номдартæ.

IV. Хатдзæгтæ

Ахуыргæнæг: Æмбисонд куыд зæгъы, афтæ «Алы хъуыддагæн дæр кæрон вæййы». Уæдæ мах дæр нæ урочы кæронмæ æрбахæццæ стæм. Абон базонгæ стут Гæдиаты Секъайы радзырд «Уалдзæг Ирыстоны» .

Скæнæм хатдзæгтæ. (Слайд)

- Цавæр ивддзинæдтæ æрцæуы уалдзæджы Ирыстоны?

(Бон фæдаргъ и, кæрдæг цъæх адардта, мæргътæ дард бæстæтæй здæхын байдыдтой, хур арæхдæр кæсы, фæхъарм ис…)

V. Рефлекси

Урочы эпиграфмæ раздæхæм æмæ ма йæ иу хатт бакæсæм. Куыд уæм кæсы, нæ урочы темæимæ баст у æви нæу? Æнæмæнг у.

Дзуапп.

- Цы базыдтат ногæй абоны урочы ?

- Урок мæм фæкаст…

- Цымыдисаг уыдысты…

- Мæ зæрдæйыуаг у (уыд) …

VI. Кæронбæттæн.

Абон иууылдæр хорз архайдтой. Фæлæ фылдæр дзуæппытæ чи лæвæрдта, уыдон райстой иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Сывæллæттæ, сымахмæ гæсгæ, абон хуыздæр æмæ фылдæр дзуаппытæ чи лæвæрдта?

Иннæтæ бацархайдзысты хуыздæр æндæр хатт.

VII. Хæдзармæ куыст

Радзырд аив кæсын зонын .

Абоны урок фæци. Хæрзбон!


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Презентация урока математики в форме игры "Биржа"

Цель игры: обобщение и закрепление по теме "Действия с многозначными числами"...

Урок математики в 1 классе «Сложение и вычитание в пределах 10. Повторение по теме» Игра-путешествие

Урок математики в 1 классе «Сложение и вычитание в пределах 10. Повторение по теме» Игра-путешествие...

Горячев А.В. Информатика в играх и задачах. 1 класс. 1 раздел. Презентация к уроку "Повторение. Птичий рынок".

В данном материале размещена презентация к уроку "Повторение. Птичий рынок", прописаны цели урока....

Урок-повторение "Начальная форма глагола"

Данный урок содержит все этапы в соответствии с ФГОС, на котором учащиеся знакомятся с другим названием начальной формы глагола, как инфинитив....

Конспект урока по русскому языку на тему «Повторение изученного. Своя игра», 4 класс, УМК "Школа России"

Цели деятельности учителя: обобщение знаний по изученному материалу из разных разделов русского языка; развитие умения обогащение и расширение словарного запаса обучающихся.Планируемые результаты:Пред...